Хуссар Ир ӕрбаиу уыдзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон акци "Сад памяти"-мӕ

Акци нывонд у Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 75 азы сӕххӕсты цытӕн. Организатортӕ нывӕндынц ныссадзын 27 милуан бӕласы хӕсты рӕстӕджы Советон Цӕдисы фӕмардуӕвӕг ӕмбӕстӕгты мысӕнӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 фев - Sputnik, Козаты Диана. Стыр Уӕлахизы юбилеймӕ Цхинвалы ныссадздзысты 75 бӕрзбӕласы. Афтӕмӕй Хуссар Ирыстон ӕрбаиу уыдзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон акци "Сад памяти"-мӕ, загъта Sputnik пресс-конференцийыл культурӕйы министр Зассеты Жанна.

Хуссар Ир ӕрбаиу испайнаг флешмоб "Уӕлахизы Зарӕг"-мӕ

Хуссар Ирыстоны цӕттӕ кӕнынц мадзӕлттӕ ӕмӕ акцитӕм Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизыл 75 азы сӕххӕсты цытӕн. "Ӕнӕмӕлгӕ полк", "Солдатский привал", хъӕбатырдзинады уроктӕ скъолаты ӕмӕ ӕндӕр традицион мадзӕлттӕй дарддӕр организатортӕ цӕттӕ кӕнынц ног проекттӕ дӕр. Уыдонӕй сӕ иу уыдзӕн "Сад памяти".

"Мах нывӕндӕм ныссадзын Стыр Уӕлахизы юбилеймӕ 75 бӕрзбӕласы. Фидӕн аз та фӕсивӕд ныссадзӕт 76-ӕм бӕрзбӕлас, уый фӕстӕ та 77-ӕм. Афтӕмӕй мах ӕрбаиу уыдзыстӕм ӕппӕтуӕрӕсейон акцимӕ", - загъта Зассеты Жанна.

Хуссар Ир ӕрбаиу уыдзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон акци "Сад памяти"-мӕ

"Сад памяти" акцийы фӕлгӕтты 18 мартӕй 22 июньмӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы ныссадздзысты 27 милуан бӕласы 27 милуан ӕмбӕстаджы мысӕнӕн, кӕцытӕ фӕмард сты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты рӕстӕджы.