Къуаисайы аиуварс кодтой доны хæтæлы авари

Везур-Къуаисайы хаххы авари горæт ныууагъта æнæдонæй иу суткæйы бæрц
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 фев - Sputnik, Плиты Фатимæ. Горæт Къуаисайы цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæ сцалцæг кодтой цæрæн пункты донифтонгад, фехъусын кодта Sputnik Дзауы районы пресс-секретарь Тедеты Лиана.

Доны хаххы авари горæт ныууагъта æнæ донæй иу суткæмæ.

"Зырдур йæ разæй ахаста æмæ атыдта доны хæтæлы трубæ. Авари æрцыд бæрзонд зынвадат бынаты, цы ран миты бæрзæнд уыд метрæй фылдæр. Фæндаг йæм куы асгæрстой, уæд цæрæн-коммуналон хæдзарады кусджытæ аиуварс кодтой авари", - загъта Тедеты Лиана.

Хуссар Иры Къуыдаргомы центр донæй ифтонг цæуы доны хахх Везур-Къуаисайы ууылты.