Президент фембӕлд Юлия Чичеринаимӕ ӕмӕ йын загъта бузныг йӕ патриотикон зарджыты тыххӕй

Зарӕггӕнӕг нывӕнды азарын Цхинвалы зарӕг "Добровольческая", кӕцы нывонд у Мамиты Олегӕн – интербригадӕ "Пятнашка"-йы ирон командӕгӕнӕг ӕмӕ Чичеринайы ӕмбалӕн, кӕцы фӕмард ДАР-ы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд уӕрӕсейаг рок-зарӕггӕнӕг Юлия Чичеринаимӕ, кӕцы ӕрцыд Цхинвалмӕ паддзахады сӕргълӕууӕджы ӕрхуындӕй, хъусын кӕны президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Зарӕггӕнӕджы концерт ацӕудзӕн абон Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры.

Афтӕ ма рабадты хайад райстой ӕфсӕддон уацхӕссӕг Семен Пегов, кӕцы у патриотикон зарӕг "Добровольческая"-йы автор, ӕмӕ Донбассы хӕсты хайадисӕг, ДАР-ы Хъайтар Ахра Авидзба.

Президент фембӕлд Юлия Чичеринаимӕ ӕмӕ йын загъта бузныг йӕ патриотикон зарджыты тыххӕй

Бибылты Анатолий бахахх кодта Хуссар Ирыстонмӕ уазджыты ӕрцыды ахсджиагдзинад. Юлия Чичерина бирӕ хатт уыд концерттимӕ ЛАР ӕмӕ ДАР-ы дӕр.

"Мах иууылдӕр ӕмбарӕм, ацы хӕстыты режиссура кӕй у иу. Тынг ахсджиаг у, адӕм кӕй ӕрбаиу вӕййынц. Ӕхсызгон мын у, ды кӕй ӕрцыдтӕ нӕ республикӕмӕ. Сӕйраг бузныг мӕ фӕнды зӕгъын дӕуӕн дӕ патриотикон зарджыты тыххӕй", - загъта президент.
Президент фембӕлд Юлия Чичеринаимӕ ӕмӕ йын загъта бузныг йӕ патриотикон зарджыты тыххӕй

"Мах азардзыстӕм зарӕг "Добровольческая". Уый мах снывонд кодтам Мамиты Олегӕн (Мамай) – ирон хъайтар ӕмӕ нӕ хорз ӕмбалӕн, кӕцы тох кодта ӕмӕ фӕмард Донбассы", - радзырдта Чичерина

Ахра Авидзбамӕ дзургӕйӕ, президент банысан кодта, уымӕй сӕрыстыр ӕрмӕст абхазӕгтӕ кӕй не сты.

"Дӕ адӕймагдзинад ӕмӕ хӕцӕджы къахдзӕфтӕ ӕвдисынц дӕ хъайтардзинад", - загъта президент.

Фембӕлды кӕрон президент радта уазджытӕн зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.

Президент фембӕлд Юлия Чичеринаимӕ ӕмӕ йын загъта бузныг йӕ патриотикон зарджыты тыххӕй