Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта зарӕггӕнӕг Чичеринайы Хӕларады Орденӕй

Хорзӕхкӕныны церемони ацыд зарӕггӕнӕджы концерты Цхинвалы, кӕцыйы рӕстӕджы уый "Симд"-ы хоримӕ иумӕ сӕххӕст кодта зарӕг "Добравольческая", кӕцы у нывонд Мамиты Олегӕн ("Мамай") – хъӕбатыр ирон, кӕцы фӕмард Добнассы адӕмы хъахъхъӕнгӕйӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта уӕрӕсейаг зарӕггӕнӕджы Хӕларады Орденӕй, хъусын кӕны президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Президент фембӕлд Юлия Чичеринаимӕ ӕмӕ йын загъта бузныг йӕ патриотикон зарджыты тыххӕй

Чичерина ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ ацы къуыри президенты ӕрхуындӕй. Уыйимӕ иумӕ республикӕ бабӕрӕг кодтой ӕфсӕддон уацхӕссӕг Семен Пегов, кӕцы у патриотикон зарӕг "Добровольческая"-йы автор, ӕмӕ Донбассы хӕсты хайадисӕг, ДАР-ы Хъайтар Ахра Авидзба.

Дыццӕджы зарӕггӕнӕг радта концерт Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры, кӕцы бабӕрӕг кодта паддзахады сӕргълӕууӕг. Концерты рӕстӕджы Чичеринайы схорзӕхджын кодта республикӕйы президент. Орден йын радтой Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы адӕмы хсӕн хӕларадон ахастытӕ сфидар кӕныны хъуыддагмӕ хайбавӕрды тыххӕй, афтӕ ма сӕрмагонд сгуыхтдзинӕдты тыххӕй музыкалон аивады райрӕзты.

"Тынг ӕхсызгон мын у, абон Юлия Чичерина кӕй ис Хуссар Ирыстоны. Уый алыхатт дӕр фӕнд кӕны ӕххуыс кӕныны адӕмӕн. Чичерина уыд Хуссар Ирыстоны, Абхазы, Луганскы, Донецкы. Йӕ граждайнаг хӕсыл нымайы ӕххуыс кӕныны адӕмӕн, ӕмӕ йын уый тыххӕй кад кӕнӕм", - загъта Бибылты Анатолий.
Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта зарӕггӕнӕг Чичеринайы Хӕларады Орденӕй

Концерты рӕстӕджы йӕ сӕйраг зарӕг уыд "Добравольческая", кӕцы у нывонд Мамиты Олегӕн ("Мамай") – хъӕбатыр ирон, кӕцы фӕмард Добнассы адӕмы хъахъхъӕнгӕйӕ. Ацы зарӕг Чичерина сӕххӕст кодта "Симд"-ы хоримӕ иумӕ.