ЦХИНВАЛ, 27 фев - Sputnik, Плиты Фатимæ. Цуангæнджыты цæдис æхцайы премитæй схорзæхджын кодта январь æмæ февралы цы цуангæнджытæ расгуыхтысты, уыдоны. Фæстаг мæй уыдон скуынæг кодтой 12 бирæгъ æмæ 101 хæдмæлхоры.
25 январæй 25 февральмæ цуаны хатдзæгтæм гæсгæ фыццаг бынатыл ацыд Дзæгъиаты Махарбег Знауыры районæй, уый райста фондз мин сомы преми.
"Ӕхцайы тыххæй сыл нæ цуан кæнын, уый нын феххуыс уыдзæн, нæмыг æмæ транспортон хæрдзтæ бамбæрзынæн", - загъта уый.
Премитæ ма райстой Куыдзеты Ирмæт, уый ацы период амардта дыууæ бирæгъ æмæ 34 хæдмæлхоры. Куыдзеты Вячеслав дæр хъæд рацух кодта 27 хæдмæлхорæй. Хуыздæр цуангæнджыты нымæцы ма сты Кокойты Лев æмæ Кокойты Дауыт Дзауы районæй.
Цуангæнджыты цæдисы хистæр Букуылты Чермены ныхæстæм гæсгæ, æмткæй ацы сезон цуангæнджытæ фехстой 300-мæ æввахс тугдзых сырды.
"Октябры бакодтам сезон, уæдæй нырмæ нæ цæдисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы цуангæнджытæ амардтой 91 бирæгъ æмæ 170 хæдмæлхоры. Бирæгъæн лæвæрд цæуы мин сомы, хæдмæлхорæн - къаддæр. Президент цæдисæн цы финансон æххуыс радта, уымæй лæвæрд цæуынц премитæ", - загъта Букуылты Чермен.
Уый ма банысан кодта, ацы аз тугдзых сырдтæ фылдæр зиан æркодтой Знауыр æмæ Ленингоры районты – кæцыдæр цæрджытæн фæнæфтиаг кодтой дыгай стуртæ.
"Цæдисæн йæхи хатæн дæр никуы ис, цуаны хæрдзтæ дæр сты нæхи бæрны, фæлæ уæддæр нын цы фæрæзтæ рахицæн кодтой, уыдон здахæм цуангæнджытæн премитæм, уымæн æмæ хъæуы цæрджыты тынг тыхсын кæнынц тугдзых сырдтæ", - бафтыдта уый.
Хуссар Ирыстоны хъæдты сарæх сты тугдзых сырдтæ – бирæгътæ æмæ хæдмæлхортæ лæбурынц хæдзарон фосмæ, цæуынц хъæутæм.
2015-2017 æзты Хуссар Ирыстоны архайдта сæрмагонд нывæзт, кæцыйы фæлгæтты тугдзых сырдты амарджытæн фыст цыд финансон фæрæзтæ. Ӕдæппæтæй уæд цуанонтæн бафыстой 220 мин сомы. Ацы нывæзт æхгæд æрцыд, ныр цуангæнджытæн балæггад кæнын фарст йæхимæ райста цæдис.