Адæмы фидыц: президент дидинтæ сæвæрдта ирон литературæйы патриархы цыртыл

Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц Джусойты Нафийы райгуырдыл 95 азы сæххæст.Паддзахады сæргълæууæг сæвæрдта дидинтæ академикы монументмæ, кæцы ис Национ пантеоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 фев - Sputnik. Зынгӕ ахуыргонд ӕмӕ фыссӕг Джусойты Нафи – ирон адæмы фидыц, йæ курдиат ногæй æмæ ногæй кæндзысты суинаг фæлтæртæ, загъта президент Бибылты Анатолий ирон литературæйы патриархы цыртыл дидинтæ æвæрыны рæстæджы.

Хуссар Ирыстоны нысан кæнынц Джусойты Нафийы райгуырдыл 95 азы сæххæст. Паддзахады сæргълæууæг сæвæрдта дидинтæ академикы монументмæ, кæцы ис Национ пантеоны.

"Нафи – æппæт ирон адæмы сæрыстырдзинад", – загъта Бибылты Анатолий журналисттæн.

Уый банысан кодта, Нафийæн ис стыр хайбавæрд ирон литературæмæ.

"Ӕз афтæ хъуыды кæнын, радон фæлтæртæ ногæй æмæ ногæй кæндзысты зынгæ ахуыргонды зонындзинæдты бирæварсондзинад, йæ куыстыты фæрцы та кæндзысты зонад", - загъта Бибылты Анатолий.

Адæмы фидыц: президент дидинтæ сæвæрдта ирон литературæйы патриархы цыртыл

Хуссар Ирыстоны президенты барамындæй 2017 азы июны сарӕзтӕуыд Националон пантеон. Уæд барамынд бафыссынӕй цалдӕр бон раздӕр Дзӕуджыхъӕуы йӕ цардӕй ахицӕн ирон интеллигенцийы ирд минӕвар, зынгӕ ахуыргонд ӕмӕ фыссӕг Джусойты Нафи. Фыццаг Националон пантеоны бавӕрдтой Джусойты Нафийы.

Пантеон, кӕцы хауы паддзахадон историко-культурон объекттӕм, ис Цхинвалы ныгуылӕны кӕроны, Тъбеты хъӕумӕ фӕндаджы рахиз фарс. Раздæр ацы бынаты фæнд кодтой саразын Фыдыбӕстӕйы хъахъхъӕнджыты мысӕнӕн мемориал.