МХМ сӕргълӕууӕг ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар басгӕрстой ИКЦ бӕстыхӕйтты арӕзтад Цхинвалы

Бӕстыхӕйттӕ бахиздзысты Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы МХМ иумӕйаг информацион-координацион цетры скондмӕ. Сӕйраг корпус радтой эксплуатацимӕ 2018 азы кӕрӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 фев - Sputnik. Кусджытӕ бавнӕлдтой мидӕггагон куыстытӕм уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг мидхъуыддӕгты органты информацион-координацион центры (ИКЦ) бӕстыхӕйтты Цхинвалы, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕйы хистӕр Бестауты Вида.

Ацы бӕстыхӕйтты арӕзтад у ИКЦ арӕзтады дыккаг этап. Сӕйраг корпус радтой эксплуатацимӕ 2018 азы кӕрӕтты.

Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй арӕзтад бабӕрӕг кодтой уагдоны сӕргълӕууӕг Наниты Игорь ӕмӕ уӕрӕсейаг минӕвар республикӕйы Марат Кулахметов.

МХМ сӕргълӕууӕг ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар басгӕрстой ИКЦ бӕстыхӕйтты арӕзтад Цхинвалы

ИКЦ директор Болататы Алан радзырдта, арӕзтадон куыстытӕ кӕй нывӕндынц балхынцъ кӕнын ацы аз сентябрь-октябры.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн объектыл кусынц 32 кусӕджы ӕмӕ техникӕйы ӕхсӕз иуӕджы.

"Ӕввахс рӕстӕджы райдайдзысты мидӕггагон куыстытӕ", - банысан кодта Болататы Алан.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Мидхъуыддæгты министрæдты иумæйаг информацион-координацион центр арæзт æрцыд 2016 азы.

МХМ сӕргълӕууӕг ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар басгӕрстой ИКЦ бӕстыхӕйтты арӕзтад Цхинвалы