Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министры фæхуыдтой æхсæнадæмон æдасдзинады форуммæ

Конференци ацæудзæн Мæскуыйы 21-23 апрелы. Гуырахстджын мадзалы организатор у уæрæсейаг хъахъхъæнынады уагдон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим хайад райсдзæн æхсæнадæмон æдасдзинады тыххæй IX-æм Мæскуыйаг конференцийы. Уый райста хуынды гæххæт йæ уæрæсейаг коллегæ Сергей Шойгуйæ, фехъусын кодта ХМ пресс-службæйы хистæр Чехойты Инга.

Форум ацæудзæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы æмæ Дыккаг дунейон хæсты фæуыды 75 азы юбилейы къæсæрыл.

"Ацы дыууæ цау систы глобалон æдасдзинады системæйы бындур, кæцыты фæрцы адæмтæн бантыст не ʻруадзын дунейон хæстытæ", - ныффыста Шойгу йæ коллегæйæн.

Уæрæсейаг министр ма банысан кодта, "ныридæгæн дунейы стабилондзинады бындуртæ фæцудыдтой, фæфылдæр ис регионалон конфликтты нымæц, террористон организаци активондзинад, хотыхджын ныхмæлæудмæ бамбал сты кибертыгъдад æмæ космос".

Хуссар Иры хъахъхъæнынады министрад сæнусон кæндзысты дзæнæттаг æфсæддонты ном

Ацы уавæрты, фидарæй дзуры уæрæсейаг инæлар, тынг ахсджийаг у профессионалты диалог.

Ивгъуыд азы Гассеты Ибрагим хайад райста æхсæнадæмон æдасдзинады тыххæй IX-æм Мæскуыйаг конференцийы. Уæд уый раныхас кодта пленарон рабадты доклад "Международное миротворчество: новые подходы и военное сотрудничество"-имæ.