Цхинвалы цæрæджы æрурæдтой гæны тыххæй

Оперативон-агурæн мадзæлтты рæстæджы наркотикон буарадтæ ссардтой зæрдæхсайгæ адæймаджы хæдзары Присы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны милицийы кусджытæ æрурæдтой Цхинвалы 42-аздзыд цæрæджы, кæцы уыд зæрдæхсайгæ гæн зайын кæнын хъуыддаджы, хъусын кæны МХМ пресс-службæйы кусæг Джиоты Алик.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, милицийы кусджытæ ссардтой Присы хъæуы йæ хæдзары ведрайы зайгæйæ гæн, иу гæны тыхтон æмæ цыппар хус гæны къутæр. Гæны уæз у 15 грамм.

Цхинвалы цæрæджы æрурæдтой гæны тыххæй

МХМ-йы куыд банысан кодтой афтæмæй, бæлвырд æрцыд нæлгоймаг йæхæдæг спайда кодта гæнæй æмæ æрурæды рæстæг уыд йе ʻндæвдады бын. Нæлгоймаг хæсдзæн уголовон æмæ административон бæрндзинад.