ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik, Козаты Диана. Уæрæсейы æмбæстæгтæ, кæцытæ æдзух цæрынц Хуссар Ирыстоны, сæ бон у схъæлæс кæнын УФ конституцимæ баххæстгæнинæгтæ бахæссыны фæдыл, загъта Sputnik президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.
Ӕппæтуæрæсейон хъæлæсæппæрст ацæудзæн 22 апрелы.
"Хуссар Ирыстоны æнæмæнг хайад райсдзысты хъæлæсæппæрсты. Фарстыл куыст цæуы", - загъта Гасситы Дина.
Ацы аз 22 апрель хауы æртыццæгмæ, уый та у кусгæ бон, уымæгæ гæсгæ йæ Уæрæсейы сарæзтой улæфт бон. Хуссар Ирыстоны фарст нырма нæу скъуыддзаг.
Хуссар Ирыстоны æвзæрыстыты фæдыл æппæт организацион фарстытæ скъуыддзаг кæндзæн уæрæсейаг минæвæрад, загъта Sputnik дипмиссийы уынаффæгæнæг Александр Журов.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæлæсæппæрст цæудзæн Уæрæсейы президентон æвзæрстытæм æнгæс республикæйы районтæ æмæ столицæйы.
"Республикæйы бакæндзысты æвзарæн фадгуытæ, цы ран сæ бон уыдзæн схъæлæс кæнын Уæрæсейы æмбæстæгтæн, кæцытæ æдзух цæрынц Хуссар Ирыстоны",- загъта уынаффæгæнæг.
УФ президент Владимир Путинамæй размæ бахаста Паддзахадон Думамæ законы проект Конституцимæ баххæстгæнинæгты фæдыл, уым сарзы сты фыццаг æркасты.
УФ конституцимæ баххæстгæнинæгтæ бахæссыны фæдыл æппæтуæрæсейон хъæлæсæппæрстæн хицæн æрцыд 14,8 миллиард сомы.