Хуссар Иры сывӕллӕттӕ сныв кодтой Уӕрӕсейы

Сывӕллӕтты нывы конкурс "Россия глазами детей Южной Осетии" ӕрӕмбырд кодта республикӕйы ӕвзонг курдиӕтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Конкурс "Россия глазами детей Южной Осетии" ацыд Анахарсисы номыл республикон библиотекӕйы Цхинвалы. Мадзалы организатор уыд ӕхсӕнадон организаци "Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты цӕдис" Россотрудничествойы минӕварады ӕмархайдӕй.

Сфӕлдыстадон ерысты хайадисджытӕ уыдысты скъола агъоммӕ ӕмӕ скъолайы кары сывӕллӕттӕ, иумӕйагӕй 25 адӕймаджы. Уыдон иууылдӕр тырныдтой равдисын, куыд уынынц Уӕрӕсейы: бӕрзбӕлӕстӕ, Мӕскуыйаг кремлы мӕсгуытӕ, уӕрӕсейаг ӕмӕ ирон тырысатӕ ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, матрешкӕтӕ. Нывты нӕ уыд хӕстон тематикӕ, танк дӕр, кӕцы сныв кодта хайадисджытӕй иу, не 'вдыста хӕст. Нывтӕ иууылдӕр хъуамӕ сарӕзтаиккой иу сахаты дӕргъы.

Хуссар Иры сывӕллӕттӕ сныв кодтой Уӕрӕсейы

Нывтӕ иууылдӕр ахӕм аив уыдысты, ӕмӕ жюрийы уӕнгтӕн зын уыд равзарын хуыздӕр.

"Цымыдисон уыд базонын, куыд уынынц сывӕллӕттӕ Уӕрӕсейы. Ӕнцон нӕу ӕвзарын хуыздӕр куыстытӕ. Мах фӕндыд рахицӕн кӕнын алкӕйдӕр, фӕлӕ равзӕрстам ӕртӕ куысты", - загъта жюрийы уӕнг, Россотрудничествойы минӕварады разамонӕг Сергей Скворцов.

Фыццаг бынат бацахста Гӕбӕраты Давид скъола "Альбион"-ӕй. Дыккаг бынатыл ацыд Цхинвалы аивадон скъолайы ахуыргӕнинаг Къӕбулты Кристина. Ӕртыккаг бынат райста "Альбион"-ы ахуырдзау Джиоты Нина. Жюри ма рахицӕн кодта конкурсы иууыл ӕвзонгдӕр хайадисӕг Гӕбӕраты Марияйы.

Конкурсы уӕлахиздзаутӕ хайад райсдзысты ӕхсӕнадӕмон проект "Здравствуй, Россия!"-йы.

Конкурсы аннӕ хайадисджыты дӕр схорзӕхджын кодтой грамотатӕй, балӕвар сын кодтой сувениртӕ.