Цхинвалы зынгфæдисонтæ байстой хæдзар артæй

Коцойты Арсены уынгыл уæвæг иууæладзыгонд хæдзары арт ахуысын кæныныл зынгфæдисонты цыппар къорд архайдтой иу сахатæй фылдæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Уæлвæткон уавæрты зынгфæдисонтæ артæй байстой столицæйы Коцойты Арсены уынджы æстæм хæдзар. Хисæрмагонд иууæладзыгон цæрæнуатæн фылдæр бæрцæй арт разиан кодта йæ агъуыстæн, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службæйы.

Зынгирвæзт æрцыд дыккæгæм марты.

Зынгфæдисонтӕ фӕлварынц зынг ахуыссын кӕнын Присы

"УУМ цыппар къорд зынгирвæзты бынатмæ рацыдыдысты 22:47 сахатыл. Дыццæджы 00:03 сахатмæ бантыст ахуыссын кæнын арт. Зынгирвæзт ахадгæ зиан æрхаста хæдзарæн, фылдæр бæрцæй бахъыгдард æрцыд йæ агъуыст ", - загътой уагдоны.

Уым ма радзырдтой, развæлгъау информацимæ гæсгæ, зынгирвæзт рцыд уæлхæдзары.

"Арт апарахт ис арæзтады уæлхæдзарæй, хæдзары хицау сарт кодта абанайы, уырдыгæй апарахат ис зынг", - бафтыдтой уым.