Бибылты Анатолий арвитдзӕн ныстуан Хуссар Иры адӕм ӕмӕ парламентмӕ

Хуссар Ирыстоны президент йӕ ныстуаны адӕммӕ ӕмӕ закондӕттӕг органмӕ радзурдзӕн бӕстӕйы ӕддагон ӕмӕ мидӕггагон политикӕйы тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий 25 марты арвитдзӕн ныстуан республикӕйы адӕм ӕмӕ парламентмӕ, радзырдта паддзахады пресс-секретарь Гасситы Дина.

"Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50 статьяйы 19 пунктмӕ гӕсгӕ президенты ныстуаны дзырд цӕуы бӕстӕйы уавӕрыл, паддзахады ӕддагон ӕмӕ мидӕггагон политикӕйы сӕйраг здӕхтытыл", - банысан колта уый.

Бибылты Анатолий фехъусын кӕндзӕн йӕ ныстуан Хуссар Ирыстоны адӕм ӕмӕ парламентмӕ республикӕйы закондӕттӕг органы рабадтыты залы. Афтӕ ма президенты ныстуан равдисдзысты паддзахадон телеуынынады комкоммӕ эфиры.