Хуссар Иры басыгъд дзулласæн: шофыр бахъыгдард

Зынгирвæзты фæстиуæгæн хæдтулгæйы шофыр райста йæ къуыхы сыгъдтæ, радзырдтой УУМ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры хъæутæй иумæ фæндагыл басыгъд Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты дзулласæн хæдтулгæ, фехъусын кодтой Sputnik УУМ пресс-службæйы.

Зынгирвæзты фæстиуæгæн хæдтулгæйы шофыр райста йæ къухы сыгъдтæ.

"Дыццæджы райсом,9.26 сахатыл,радгæсон службæмæ фехъусын кодтой "Газель"-ы маркæ ссыгъды тыххæй. Бынатмæ бацыдысты дыккаг хайы зынгфæдисонтæ. Иууылдæр басыгъд мотор æмæ шофыры кабинæ. Хæдтулгæ ласта дзул Цхинвалы районы Стыркомы хъæумæ", - загътой пресс-службæйы.

Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зынгирвæзт æрцыд цыбыр ныдзæвды аххосæй. Арт ахуыссын кæнынæн баххуыс кодтой бынæтттон цæрджытæ.

Цхинвалы дзулфыцæн комбинат ласы йæ продукци Хуссар Иры æппæт хъæутæм.