Къудухты Артур ауадздзӕн йӕ дебютон тох профессионалон рингыл

Артур нӕ тренировкӕ кодта ӕртӕ азы дӕргъы йӕ къахы травмӕйы тыххӕй, фӕлӕ ныртӕккӕ ис тынг хорз формӕйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Ӕвзонг боксер Хуссар Ирыстонӕй Къудухты Артур ауадздзӕн йӕ дебютон тох профессионалон рингыл 25 марты 2020 азы фыццаг уӕззау уӕзы.

Ирыстойнаг боксер Дзукъаты Давид рамбылдта йӕ фыццаг тох профессионалон рингыл

Артур нӕ тренировкӕ кодта ӕртӕ азы дӕргъы йӕ къахы травмӕйы тыххӕй, фӕлӕ ныртӕккӕ ис тынг хорз формӕйы, радзырдта Sputnik тренер Сланты Виталий.

"Ныхмӕлӕууӕг нырма бӕрӕг нӕу, мах ӕвзарӕм дыууӕ вариантӕй, дыууӕ боксерӕн дӕр ис стыр фӕлтӕрддзинад", - банысан кодта спортсмены тренер.

Къудухты Артур тренировкӕ кӕны боксерон клуб "Ариана"-йы Уӕрӕсейы сгуыхт тренер Сланты Виталийы къухдариуӕгады бын.

"Артур уыд бынӕттон стъалы цалынмӕ травмӕ нӕ райста. Ныр та уый ногӕй ӕвдисы диссаджы фӕстиуджытӕ. Къудухты Артур у Ирыстоны иууыл перспективондӕр боксертӕй сӕ иу", - радзырдта Сланты Виталий.

Декабры кӕрӕтты Къудухты Артур фӕуӕлахиз республикон ерысты Дзӕуджыхъӕуы. Боксеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, тохмӕ цӕттӕкӕнынад цӕуы нывӕзтмӕ гӕсгӕ, бон йын вӕййы дыууӕ тренировкӕйы, райсомӕй ӕмӕ изӕры.