Зындгонд ирон боксер Хуыгаты Алан ауадздзӕн йӕ тох 21 марты

Спортсмен ауагъта дӕс тохы профессионалон рингыл ӕмӕ иу хатт дӕр нӕ фембылд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 мар – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Ӕвзонг, фӕлӕ ныридӕгӕн зындгонд боксер Цӕгат Ирыстонӕй Хуыгаты Алан ауадздзӕн йӕ 11-ӕм тох боксы изӕры Дзӕуджыхъӕуы. Сӕйраг тох ацӕудзӕн уӕрӕсейаг Федор Чудинов ӕмӕ малавиаг Айзек Чилембайы хсӕн.

Боксеры тренер Сланты Виталийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Аланы цӕттӕкӕнынад цӕуы ӕнувыд темпты, ӕмӕ боксер цӕттӕ у ӕмбулынмӕ. Спортсмен ауагъта дӕс тохы профессионалон рингыл ӕмӕ иу хатт дӕр нӕ фембылд.

Къудухты Артур ауадздзӕн йӕ дебютон тох профессионалон рингыл

"Ӕз бирӕ куыстон мӕхиуыл фӕстаг тохы фӕстӕ ӕмӕ нывӕндын ногӕй рамбулын", - загъта боксер.

Тох ацӕудзӕн турнир "Лига Ставок. Битва на Кавказе"-йы фӕлгӕтты спорты галуан "Манеж"-ы. Турниры ма хайад райсдзысты Дзукъаты Давид ӕмӕ Челӕхсаты Георгий.

Хуыгаты Алан архайы 63 килограммы уӕзы категорийы. Боксер ис 20-ӕм бынатыл Уӕрӕсейы Боксы федерацийы рейтингы йӕхи уӕзы категорийы.