"Аполлон"-ы президент: чысылæй фæстæмæ Джермухы хохмæ схизын уыд мæ бæллиц

Студентон клуб "Аполлон"-ыл ацы аз сæххæст 48 азы, куыд нысан кæнынц бæрæгбон, уый тыххæй радио Sputnik-ы эфиры радзырдта клубы президент Тедеты Сæлимæт
Sputnik
"Аполлон"-ы президент: чысылæй фæстæмæ Джермухы хохмæ схизын уыд мæ бæллиц

Фыццæгæм марты клуб "Аполлон" банысан кодта сæ равзæрды бон. Ацы бон клубмæ æрбацæуынц æрмæст студенттæ нæ, фæлæ йæ раздæры уæнгтæ дæр, кæцытæн сæ цард уыд ацы клубимæ баст. Клубы æвзонг фæлтæр бацæттæ кæны мадзал.

"Ныртæккæ клубы хайад цы фæсивæд исы, уыдонимæ æртымбыл вæййæм æмæ бацæттæ кæнæм мадзал, æмæ хистæр фæлтæрмæ фæдзурæм", - банысан кодта Сæлимæт.

Уый ма нын радзырдта йæ иууыл ирддæр балцы тыххæй, кæцы уыд Джермухы хохмæ. Уыцы хохмæ йæ рагæй фæстæмæ фæндыд схизын, æмæ йын бантыст клубы фæрцы.

"Мæ мады мад у Цъæритты хъæуæй, уый Уанелæй уæлдæр у, уырдæм нæ бинонтимæ цыдыстæм мæ чысылæй фæстæмæ, æмæ иу йæ галиу фарсæй Джермухы цъупп зынд. Мæ чысылæй фæстæмæ бæллыдтæн, цæмæй искуы уыцы хохмæ хæстæгдæр бацæуон", - загъта Тедеты Сæлимæт.

Сæлимæты ныхæстæм гæсгæ, ахæм балцты адæймагæн йæ миниуджытæ хуыздæр базонæн ис æмæ дзы ссарæн ис æцæг æмгæртты.

Студентон клуб "Аполлон" сывзæрд 1972 азы фыццæгæм марты Саулохты Тамарайы сæргълæудæй.