Бибылты Анатолий схорзæхджын кодта Хуссар Иры сылгоймæгты 8 марты цытæн

Республикæйы президент хорзæхтæй схайджын кодта алыгъуызон къабæзты фæллойгæнæг сылгоймæгты сæ бæрæгбоны цытæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий 8 марты цытæн схорзæхджын кодта республикæйы алыгъуызон къабæзты фæллойгæнæг сылгоймæгты.

Бибылты Анатолий схорзæхджын кодта Хуссар Иры сылгоймæгты 8 марты цытæн

Президенты пресс-секретарь Гасситы Дина куыд хъусын кæны, афтæмæй Бибылты Анатолий радта сылгоймæгтæн майдантæ "В ознаменование 25-летия Республики Южная Осетия", "В ознаменование 10-летия Победы в Отечественной войне народа Южной Осетии", цытджын грамотæтæ, афтæ ма РХИ президентыбузныджы фыстæджытæ.

Бибылты Анатолий схорзæхджын кодта Хуссар Иры сылгоймæгты 8 марты цытæн

Хозрзæхкæныны церемони уагъд æрцыд бæстæйы сæргълæууæджы администрацийы бæстыхайы.

"Сымах æххуыс кæнут махæн, нæлгоймæгтæн, стыр бæрзæндтæ сæттынæн. Бæстæйæн уæззау рæстæджыты дæр сымах æрлæууыдыстут нæ хъахъхъæнджыты фарсмæ. Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын уалдзæг æмæ рæсугъддзинады бæрæгбоны цытæн", - загъта уый.

Бибылты Анатолийы цæст бауарзта æрæмбырдуæвджытæн, цæмæй сæ бæллицтæ иууылдæр сæххæст уой, сæ хæдзæртты та уа фæрныгад.

Бибылты Анатолий схорзæхджын кодта Хуссар Иры сылгоймæгты 8 марты цытæн