Хуссар Иры 8 Марты цытæн уыдзысты "дӕргъвӕтин" улӕфт бонтӕ

Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон бон ацы аз уыдзӕн хуыцаубоны, уый фӕдыл улӕфты бон ахастой къуырисӕрмӕ. Радон кусӕгон къуыри райдайдзӕн дыццӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕм къуырийы кӕрон ӕнхъӕлмӕ кӕсынц "дӕргъвӕтин" улӕфт бонтӕ Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон боны цытӕн.

Ацы аз бӕрӕгбон уыдзӕн хуыцаубоны, уымӕ гӕсгӕ улӕфт бон ахастой къуырисӕрмӕ. Афтӕмӕй республикӕйы улӕфдзысты ӕртӕ боны фӕд фӕдыл – сабат, хуыцаубон ӕмӕ къуырисӕры (7, 8 ӕмӕ 9 марты).

Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон бон Хуссар Ирыстоны ӕмӕ дунейы дӕсгай бӕстӕты нысан кӕнынц 8 марты. Датӕ бахастой республикӕйы бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн датӕты къӕлиндармӕ ӕмӕ у улӕфты бон.