Дамбегты Ирина: Хаджеты сфæлдыстадимæ базонгæйы фæстæ сдæн йæ иузæрдион табугæнæг

Хаджеты Таймуразы аивад æмæ царды тыххæй радио Sputnik-ы эфиры радзырдта фыссæджы раздæры æмкъай, ХИПУ-йы лектор Дамбегты Ирина
Sputnik
Дамбегты Ирина: Хаджеты сфæлдыстадимæ базонгæйы фæстæ сдæн йæ иузæрдион табугæнæг

"Цымæ ныр та кæй аргъуаны зæд дæ?
Цы лæг дæм кувы зоныгуыл, фæсусæй?
Дæ сонт буарæн йæ сагъæссаг зæлтæм
Цы цæстытæ, цы æнгуылдзтæ фæхъусынц?.."

Ацы рæнхъытæ сты зындгонд поэт Хаджеты Таймуразы. Фыссæгыл фыццæгæм марты сæххæст уыдаит 75 азы. Кæд æгæр раджы аивгъуыдта цардæй, уæддæр ирд фæд ныууагъта ирон поэзийы хæзнадоны.

"Æппæты фыццаг мын йæхæдæг бакаст йе 'мдзæвгæтæ. Артисттæ куыд фæкæсынц афтæ нæ, фæлæ поэттау. Уыцы манерæ тынг мæ зæрдæмæ цыд", – загъта Таймуразы раздæры æмкъай Дамбегты Ирина.

Иринайы ныхæстæм гæсгæ, Таймураз никуы æнхъæлмæ каст, цæмæй йын исчи саргъ кæна.

"Таймураз дзырдта, зæгъгæ, поэт мæлгæ нæ кæны, æмæ чи аивгъуыдта, уыдонимæ дæр ерыс кодта", - банысан кодта Иринæ.

Хаджеты Таймураз йæ царды цы фæнды хъуыддаджы дæр иууыл тынгдæр табу кодта курдиатæн æмæ уарзта рæстдзинад.