ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Цӕкоты Сӕрмӕт Цӕгат Ирыстонӕй ссис ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзау тхэквондойӕ, кӕцы ацыд Голландийы. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы спорты министрад.
Цӕкоты Сӕрмӕт рамбылдта сыгъзӕрин майдан 69 килограммы уӕзы категорийы.
Ноджы ма иу ирон спортсмен схызт кады пьедесталмӕ. Гуырциаты Георгий рамбылдта ӕвзист майдан 58 килограммы уӕзы категорийы.
Спортсменты бацӕттӕ кодта Авет Оганесянц.
Амӕйразмӕ спортсментӕ Цӕгат Ирыстонӕй Цӕкоты Сӕрмӕт ӕмӕ Арут Меликтесянц рамбылдтой сыгъзӕрин майдантӕ Ӕппӕтуӕрӕсейон турниры тхэквондойӕ.