Хӕдтулгӕ тротуарыл уромын нӕй гӕнӕн: фӕткхалджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ивартӕ

Милицийы кусджытӕ банысан кодтой, хӕлд хӕдтулгӕтӕ кӕй хъыгдарынц фистӕг бӕлццонты ӕмӕ ӕвзӕр ӕндавынц столицӕйы хӕрзарӕзтадыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы инспектортӕ ӕмӕ милицийы фадыгон кусджытӕ тох кӕнынц республикӕйы столицӕйы парковкӕйы фӕткхалджытимӕ. Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Цхинвалы уагъд цӕуынц рейдтӕ тротуартыл хӕдтулгӕтӕ уромыны ныхмӕ.

Хӕдтулгӕ тротуарыл уромын нӕй гӕнӕн: фӕткхалджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ивартӕ

"Мах нырма фӕдзӕхсӕм автотранспорты хицӕутты, хӕдтулгӕтӕ тротуартыл уромын кӕй нӕй гӕнӕн, фӕлӕ райсомӕй фӕстӕмӕ фӕткхалджыты фӕдыл арӕзт цӕудзысты административон протоколтӕ. Фӕткхалджытӕ бафиддзысты ивар 150 сомы", - банысан кодта Паддзахадон автоинспекцийы къорды командӕгӕнӕг Тедеты Филипп.

Милицийы кусджытӕ бахахх кодтой, хӕлд автотранспорт кӕй хъыгдары фистӕг бӕлццонты ӕмӕ ӕвзӕр ӕндавы столицӕйы хӕрзарӕзтадыл.

Хӕдтулгӕ тротуарыл уромын нӕй гӕнӕн: фӕткхалджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ивартӕ
"Хуссар Ирыстоны законмӕ гӕсгӕ нӕй гӕнӕн уромын хӕлд автотранспортон фӕрӕзтӕ тротуартыл. Законмӕ гӕсгӕ, фӕткхалӕг бафиддзӕн ивар 400-800 сомы", - загъта Цхинвалы мидхъуыддӕгты хайады фадыгон Остъаты Олег.

Рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы милицийы фадыгон кусджытӕ сарӕзтой дыууӕ административон протоколы хӕдтулгӕ тротуарыл бауромыны тыххӕй.