Цхинвал фæздæджы: столицæмæ хæстæг бырондон хуыссын кæнынц баиугонд тыхтæ

Дыккаг бон Хуссар Ирыстоны столицæйы цур пиллон калы бырондон, æгас горæты ис фæздæджы тæф, уæлдай тыхсынц Цхинвалы цæгаттаг хайы цæрджытæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 мар – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæмæ хæстæг хъӕбӕр ӕвзарӕнты бырондоны аххуысын кæнынмæ Уæлвæткон уагдонмæ бамбал сты æндæр структурæтæ. Арт ахуыссын кæныныл архайынц республикæйы уæвæг æппæт техникæ, фехъусын кодтой Sputnik горæты администраций пресс-службӕйы.

Быроны полигон ис Цхинвалӕй цалдæр километры фалдӕр, зынгсирвӕзт ӕрцыд дыццӕджы райсом.

Цхинвал фæздæджы: столицæмæ хæстæг бырондон хуыссын кæнынц баиугонд тыхтæ

"Уæлвæткон уагдонмæ æххуысмæ ацыдысты горæты администрацийы бындурыл уæвæг техникæ, æппæт тыхтæ дæр радтой зынгирвæзт ахуыссын кæнынмæ. Артыл калынц сыджыт, цæмæй ма цæуа дарддæр æмæ ахуыссой зынгирвæзты гуырæнтæ", - загътой пресс-службæйы.

Дыккаг бон Хуссар Ирыстоны столицæйы цур пиллон калы бырондон, æгас горæты ис фæздæджы тæф, уæлдай тыхсынц Цхинвалы цæгаттаг хайы цæрджытæ.

"Мæскуыйаг микрорайоны цæрын, знон ма бонæй куыддæрты фæрæзтам, фæлæ изæрæй уынгты сулæфæн нæй. Рудзгуытæ ничиуал кæны, фæлæ уæддæр хæдзæртты дæр рахатæн ис тæф", - загъта Артур.

Фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстоны сарæх сты зынгирвæзтытæ, судзынц хъæдтæ æмæ быдыртæ. Уæлвæткон уавæрты министрад кусы æхсæвæй-бонæй.

Цхинвал фæздæджы: столицæмæ хæстæг бырондон хуыссын кæнынц баиугонд тыхтæ