Цхинвайлаг уӕзисджытæ рамбылдтой æппæтуæрæсейон ерыстæ

Турниры се 'нтысты фæрцы Джиоты Александр æмæ Наниты Арсен рацыдысты æвзæрст Уæрæсейы фыццагад æмæ чемпионатмæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойаг спортсментæ Джиоты Александр æмæ Наниты Арсен рамбылдтой æппæтуæрæсейон ерыстæ Сургуты. Турнир уыд æвзарæн Уæрæсейы фыццагад æмæ чемпионатмæ, фехъусын кодта Sputnik тренер Плиты Артур.

Ерыстæ нывонд уыдысты сгуыхт тренер Борисы Шесталюкы рухс номæн.

"Уӕззау атлетикӕйӕ ерысты Джиоты Александр систа 120 кг (рывок) æмæ 150 (толчок). Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ, 23 марты Джиоты лæппу тох кæндзæн Уæрæсейы фыццагады. Зæгъæн ис æмæ цыппар азы дæргъы махæн уый уыдзæн нæ сæйраг ерыс æмæ дзы хъуамæ нæхи аккаг равдисæм", - банысан кодта Плиты Артур.

Уый ма радзырдта, ерысты ма расгуыхт ноджы иу хуссарирыстойнаг атлет Наниты Арсен.

"Наниты Арсен цæттæ кæны Уæрæсейы, фæлæ у Къуыдаргомæй рацæугæ, йæ фыд дæр уыд номдзыд уæзисæг. Уымæн дæр хорз æнтыст бафтыд йæ къухы, йæхи категорийы ссис ацы ерысты уæлахиздзау", - бафтыдта уый.

Джиоты Александры цæттæ кæнынц Плиты Артур ӕмӕ Габайты Ацӕмӕз, Наниты Арсен цæттæ кæны Уӕрӕсейы Наниты Аланы къухдариуӕгады бын.

Цхинвайлаг уӕзисджытæ рамбылдтой æппæтуæрæсейон ерыстæ