Хӕхтӕм ма ацыт: Цӕгат Иры та тӕссаг у зӕйты рацыдӕй

Республикӕйы уӕлвӕткон уавӕрты министрад фӕдзӕхсы цӕрджыты Ирыстоны хӕхты зӕйты рацыды тӕссагдзинадӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 мар - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ӕввахс дыууӕ боны тӕссаг у зӕйты рацыдӕй, фӕдзӕхсы РЦИ-Аланийы Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).

"12 марты 18.00 сахатӕй 13 марты онг республикӕйы 2000 метрӕй бӕрзонддӕр хӕххон районты тӕссаг у зӕйты рацыдӕй", - дзырдӕуы министрады хъусинаджы.

Уӕлвӕткон уагдоны куыд банысан кодтой, афтӕмӕй цӕмӕй мацы бӕллӕхтӕ ӕмӕ фыдбылызтӕ ӕрцӕуа, уый тыххӕй тобӕгонд сты хӕхтӕм балцытӕ.