Хуссар Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт Зонкъары тобӕгонд зонӕйы

Фӕстаг рӕстӕджыты Хуссар Ирыстоны сырӕзт зынгсирвӕзтты нымӕц. Сӕ фылдӕры аххосаг свӕййы адӕмы уӕлӕнгай ахаст
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 мар - Sputnik. Зынгфӕдисонтӕ ӕмӕ хъӕдгӕстӕ аиуварс кодтой зынгсирвӕст Зонкъары тобӕгонд зонӕйы, фехъусын кодтой Хуссар Иры Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕйы.

Хуссар Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт Зонкъары тобӕгонд зонӕйы
Фӕстаг рӕстӕджыты Хуссар Ирыстоны сырӕзт зынгсирвӕзтты нымӕц. Сӕ фылдӕры аххосаг свӕййы адӕмы уӕлӕнгай ахаст.

"Тобӕгонд зонӕйы зынгсирвӕзт иуварс ӕрцыд. Зынгфӕдисонтӕн артимӕ тохы баххуыс кодтой хъӕдгӕстӕ ӕмӕ егерьтӕ.Техникӕ кӕдӕм нӕ хызт, уыцы бынӕтты та арт хуыссын кодтой къухӕй", - радзырдтой УУМ.

Уагдоны банысан кодтой, зынгфӕдисонтӕ ма кӕй ахуыссын кодтой ссыгъд Ленингор ӕмӕ Знауыры районты.

Хуссар Иры ахуыссын кодтой зынгсирвӕзт Зонкъары тобӕгонд зонӕйы

Ныртӕккӕ та хуыссынгӕнӕн куыстытӕ дарддӕр цӕуынц Цхинвалмӕ хӕстӕг бырондоны.УУМ ӕмӕ горӕты администраци фӕфылдӕр кодтой техникӕйы нымӕц полигоны зынгсирвӕзт кӕронмӕ аиуварс кӕныны нысанӕн.