Хуссар Иры милици сбӕрӕг кодта бырондоны зынгсирвӕзты аххосджыны

Хуссар Ирыстоны зынгфӕдисонтӕ къуырийы дӕргъы тох кодтой 70 зынгсирвӕзтимӕ ӕппӕт республикӕйы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнджытӕ сбӕрӕг кодтой республикӕйы цӕгаттаг хайы хъӕбӕр ӕвзарӕнты полигоны зынгсирвӕзты ӕууӕлтӕ, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы кусӕг Джиоты Алик.

Дыццӕджы Цхинвалы цӕгаттаг хайы ссыгъд хус кӕрдӕг хисӕрмагонд территорийыл, паддзахадон ансамбль "Симд"-мӕ хӕстӕг. МХМ кусджытӕ сбӕрӕг кодтой, ацы зӕххы фадыг арендӕйы кӕй ис республикӕйы 61-аздзыд ӕмбӕстагмӕ.

"Ӕмбӕстаг зынгсирвӕзты ӕдасдзинады фӕтктӕ кӕй фехӕлдта, уый фӕдыл арт аххӕссыд хъӕбӕр ӕвзарӕнты полигонмӕ, кӕцы ис горӕт Цхинвалӕй ӕртӕ километры фалдӕр", - дзырдӕуы хъусинаджы. 

Зынгсирвӕзт бырондоны райдыдта 10 марты.

Хуссар Иры милици бафхӕрдзӕн ссыгъдты азымджынты

Фӕстӕдӕр сбӕрӕг кодтой, зынгсирвӕзты аххосаг кӕй уыд хус кӕрдӕджы ссыгъд йӕ цуры быдыры. Уый фӕстӕ дымгӕ рахаста арт бырондонмӕ.

Цауы фӕдыл ӕрмӕджытӕ бадӕттой Цхинвалы горӕтон прокуратурӕмӕ.

Хуссар Ирыстоны зынгфӕдисонтӕ къуырийӕ фылдӕр хуыссын кӕнынц зынгсирвӕзттӕ республикӕйы районты – сӕйраджыдӕр, судзы хус кӕрдӕг быдырты, афтӕ ма хъӕд дыууӕ районы: Ленингор ӕмӕ Дзауы.