Мӕскуыйы ацӕудзӕн Владимир Путин ӕмӕ Бибылты Анатолийы фембӕлд

Бӕстӕты сӕргълӕуджытӕ ӕруынаффӕ кӕндзысты ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы фарстытыл, афтӕ ма республикӕйы социалон-экономикон райрӕзтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 мар - Sputnik. Дыууӕварсон ӕмгуыстады фарстытыл ӕрдзурдзысты Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президенттӕ Владимир Путин ӕмӕ Бибылты Анатолий Мӕскуыйы сӕ фембӕлды рӕстӕджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны РХИ президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

"Владимир Путин ӕмӕ Бибылты Анатолий ӕруынаффӕ кӕдзысты ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы фарстытыл, афтӕ ма республикӕйы социалон-экономикон райрӕзтыл", - загъта уый.

Гасситы Дина ма банысан кодта, Бибылты Анатолий кӕй ис Мӕскуыйы кусӕгон балцы.

Уый уыдзӕн Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы лидерты фӕндзӕм фембӕлд.