Галаты Борис ирон аивады ныууагъта ирд фæд – Гаглойты Лиана

Зындгонд ирон композитор Галаты Борисы райгуырæн бон куыд банысан кодтой, уый тыххæй радио Sputnik-ы эфиры радзырдта музейы хистæр Гаглойты Лиана
Sputnik
Галаты Борис ирон аивады ныууагъта ирд фæд – Гаглойты Лиана

Ацы аз 10 марты фыццаг ирон профессионалон композитор, дирижер, этнограф Галаты Борисыл сæххæст уыдаид 131 азы. Уыцы бон йæ хæдзар-музейы æрбамбырд сты аивадон æмæ зонадон интеллигенцийы минæвæрттæ, цæмæй йын æрымысой йæ рухс ном.

Музейы директор Гаглойты Лиана куыд радзырдта, афтæмæй Борис уыд канд курдиатджын нæ, фæлæ ма уæрæхзæрдæ адæймаг дæр.

"Ме ‘фсин Зарифæ ацы хæдзары схъомыл ис. Йæ фыд репресситы бахаудта, æмæ йæ ныхæстæм гæсгæ, Борис лæгдзинад равдыста, кæй йæ æрбакодта йæ хæдзармæ, уымæн æмæ уый тæссаг уыд", - банысан кодта Гаглойты Лиана.

Лианайы ныхæстæм гæсгæ, музей хъуамæ сырæзтаид 1989 азы, Борисы 100 азы юбилеймæ, фæлæ, хъыгагæн, бæстæ сызмæст æмæ уыцы хабар рæстæгмæ ныннымæг.

"Фыццаг уал бацæттæ кодтам иу хатæн æмæ сæ Борис куыд ныууагъта йæ дзаумæттæ æмæ инструменттæ, афтæ лæууынц ныры онг дæр", - загъта Лиана.

Галаты Борис йæ цард снывонд кодта ирон музыкалон аивады райрæзтæн. 1964 азы Мæскуыйы рацыд йæ æмбырдгонд "Осетинские народные песни". Ацы æмбырдгонд ныридæгæн у иунæг фундаменталон куыст ирон фольклорыл. Ныффыста бирæ музыкалон уацмыстæ.