Хуссар Иры схорзӕхджын кӕндзысты Цхинвалы бырондоны зынгсирвӕзт хуыссынгӕнджыты

Хуссар Ирыстоны премьер-министр бахӕс кодта схорзӕхджын кӕнын алыгъуызон уагдӕтты минӕвӕртты, кӕцытӕ хайад истой егъау зынгсирвӕзт хуыссын кӕныны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 мар - Sputnik. Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ), Цхинвалы администраци ӕмӕ хӕрзарӕзтады хайад, афтӕ ма "Дорэкспострой"-ы кусджыты схорзӕхджын кӕндзысты Хуссар Ирыстоны столицӕйы цур бырондоны зынгсирвӕзт хуыссын кӕныны хайад райсыны тыххӕй.

Хуссар Иры милици сбӕрӕг кодта бырондоны зынгсирвӕзты аххосджыны

Ӕмбӕлон барамынд уагдӕтты разамонджытӕн радта премьер-министр Пухаты Эрик, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ. УУМ сбӕрӕг кодтой, зынгсирвӕзты аххосаг кӕй уыд хус кӕрдӕджы ссыгъд йӕ цуры быдыры. Уый фӕстӕ дымгӕ рахаста арт бырондонмӕ. Фӕстӕдӕр Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) фехъусын кодтой, кӕй сбӕрӕг кодтой зынгсирвӕзтты аххосджыны. Зынгсирвӕзт аиуварс кодтой ивгъуыд къуырийы кӕрон.

"Фӕнды мӕ зӕгъын бузныг бырондоны зынгсирвӕзт ахуыссын кӕныны хайадисджытӕн профессионализм ӕмӕ удуӕлдай куысты тыххӕй. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдоны хъӕуы рахицӕн кӕнын уагдонон ӕмӕ хицауадон хорзӕхтӕй", - загъта хицауады сӕрдар.

Афтӕ ма Пухаты Эрик банысан кодта, зынгсирвӕзт аиуварс кӕныны хайадисджыты оперативон архайды руаджы фӕкъаддӕр кодтой экологон ӕмӕ материалон зиан.