Хуссар Иры автоинспекци ӕрсидт шофыртӕм ӕвзӕр боныгъӕды фӕдыл

Республикӕйы къуырисӕры ӕхсӕв ӕруарыд стыр мит – Хуссар Ирыстоны МХМ кусджытӕ сидынц шофыртӕм, цӕмӕй уой хъусдарӕг фӕндӕгтыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекци ӕрсидт фӕндагон змӕлды хайадисджытӕм, цӕмӕй уой хъусдараг фӕндӕгтыл ӕмӕ ма скъӕрой фӕндӕгтыл сӕрдыгон резинӕйыл ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй.

МХМ дыууӕ кусӕджы ссӕрибар кодтой сӕ бынӕттӕй нозтджынӕй авари саразыны тыххӕй

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Паддзахадон автоинспекци сиды ӕххӕст кӕнын ӕдас дистанци ӕмӕ тагъд ма скъӕрын ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй.

Афтӕ ма автоинспектортӕ фехъусын кодтой, фистӕг бӕлццонтӕ дӕр кӕй хъуамӕ ма халой фӕндагон змӕлды фӕтктӕ – сӕйраджыдӕр, хъусдараг уой ӕхсӕнадон транспорты лӕууӕнты, светофортӕ ӕмӕ алвӕндӕгты раз.