ЦХИНВАЛ, 18 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахат ма руадзыны нысанæн карантинон режимы фехæлды рæстæджы сиддзысты барадхъахъхъæнæг органтæм, фехъусын кодтой Sputnik МХМ пресс-службæйы.
Барадхъахъхъæнæг органты кусджыты хæстæ сфидар кодтой коронавирусы инфекцийы ныхмæ архайды оперативон штабы.
"Хуссар Ирыстоны коронавирусы инфекцийæ бахизыны тыххæй фæсарæнтæй ӕрцæуæг адæмы 14 бонон карантины режим фехалыны цауты рæстæджы сиддзысты барадхъахъхъæнæг органты кусджытӕм æмархайдмæ", - загътой МХМ-йы пресс-службæйы.
Уым ма радзырдтой, стационары 14 боны æмгъуыдмæ кӕй кæнынц, республикӕмӕ Гуырдзыстонæй Ӕхсæнадæмон Сырх дзуары комитеты миссийы хаххыл чи здæхы, уыдон.
Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтадæмон организаци (ВОЗ) 11 марты фехъусын кодта ног вирусы апарахаты тыххæй. Дунейы ныридæгæн ис 190 мин рынчыны 158 бæстæйы.