Уд æмæ буарæн: Хуссар Иры скуыста ног донхосгæнæндон

Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Згъубиры хъæумæ хæстæг йæ дуæрттæ бакодта республикæйы æртыккаг донхосгæнæндон
Sputnik

Сабырдзинады æмæ хорз уавæрты баулæфынæй дарддæр ма ам хосгæнæн ис артроз, диабет æмæ цармы кæцыдæр низтæн, иу æхсады фæстæ сæрæй фæтары вæййы себорея.

Хосгæнæн пансионат æрбынат кодта Згъубиры хъæуы цур Леуахийы донгуырæнмæ хæстæг. Ӕвæрд у денджызы æмвæзадæй 1 550 метр бæрзонддæр, температурæ та зынгæ ныллæгдæр столицæйæ. Пансионаты ис 8 бынаты, интернет, бастдзинад, сæрмагонд къæбиц, камин, хъармгæнæн системæ.

Хосгæнæн процедурæтæ цæуынц цалдæр минералон доны гуырæнæй – душ исынц минералон дон "Аландон"-ы суадонæй, ваннæтæ та сты æндæр гуырæнæй, уымæн дæр йæ диссаджы æууæлтæ сфæлвæрдтой адæмыл.