Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Бжанияйӕн ӕвзӕрстыты фӕуӕлахизы фӕдыл

Къуырисӕры Абхазы Централон ӕвзарӕн къамис фехъусын кодта президентон ӕвзӕрстыты разӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕ - хъӕлӕсты 65,5 процентимӕ фӕуӕлахиз Аслан Бжания
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Аслан Бжанияйӕн, Республикӕ Абхазы президентӕй йӕ кӕй равзӕрстой, уый фӕдыл.

Развӕлгъау хатдзӕгтӕ: Аслан Бжания райста хъӕлӕсты 59%

Абхазы оппозицийы раздзог фӕлхаттон президентон ӕвзӕрстыты ссис уӕлахиздзау, хъӕлӕсты 65,5 процент сисгӕйӕ, фехъусын кодта къуырисӕры Абхазы Централон ӕвзарӕн къамис.

"Дӕ ӕнӕдызӕрдыг уӕлахиз дзурӕг у дӕ авторитетыл. Абхазы адӕмы равзӕрстой дӕ нывӕзт национ паддзахаддзинад сфидар кӕныны, социалон-экономикон райрӕзты, ӕхсӕнады ӕрбангом кӕныны фӕдыл", - дзырдӕуы Бибылты Анатолийы арфӕйы телы, кӕцы мыхуыр ӕрцыд президенты сайтыл.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг ма равдыста ныфс, Аслан Бжания кӕй бахӕсдзӕн йӕ хайбавӕрд Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы ахастыты сфидар кӕныны хъуыддагмӕ.