Развӕлгъау хатдзӕгтӕ: Аслан Бжания райста хъӕлӕсты 59%

Абхазы хуыцаубоны ацыдысты президентон ӕвзӕрстытӕ, уым хайад райстой ӕртӕ кандидаты - Адгур Ардзинба, Аслан Бжания ӕмӕ Леонид Дзапшба
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 мар - Sputnik. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Абхазы президентон ӕвзӕрстыты фӕуӕлахиз Аслан Бжания.

"Фыццаг ӕнӕофициалон бӕрӕггӕнӕнтӕ фехъусын кодта Аслан Бжанияйы штаб. Уыдонмӕ гӕсгӕ, оппозицион блокы лидер райста хъӕлӕсты 59% ӕввахс, афтӕмӕй уый рамбылдта фыццаг туры", - хъусын кӕны Sputnik Абхаз.

Дыууӕ аннӕ кандидаты – мидхъуыддӕгты министрады раздӕры сӕргълӕууӕг Леонид Дзапша ӕмӕ экономикӕйы раздӕры министр Адгур Ардзинба райстой хъӕлӕсты 2% ӕмӕ 35%. Алкӕй ныхмӕ дӕр схъӕлӕс кодтой ӕвзарджыты 1%, ноджы ма 3% фехӕлдтой бюлеттеньтӕ.

Абхазы президенты бынатыл стох кæндзысты æртæ кандидаты

Абхазы ӕвзарӕн фадгуытӕ сӕхгӕдтой хуыцаубоны, 22 марты. Централон ӕвзарӕн къамис уайтагъд бавнӕлдта хъӕлӕстӕ нымайынмӕ. Фыццаг официалон бӕрӕггӕнӕнтӕ фехъусын кӕндзысты абон 11:00 сахатыл.

Куыд ӕхсӕнадӕмон цӕстдарджытӕ, афтӕ ӕвзӕрстыты хайад райстой Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ – президенты администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Джуссойты Алан, президенты уынаффӕгӕнӕг Гӕззаты Давид ӕмӕ Централон ӕвзарӕн къамисы уӕнг Карсанты Хъазбег.