"МегаФон" сдзуапп кодта: Югосетпотребнадзоры "тагъд ӕххуысы" номыртӕ ссисты ӕнӕаргъ

Тагъд ӕххуысы номыртӕм ӕнӕаргъӕй фӕдзурыны фадат ис алкӕцы абонентӕн дӕр хӕдзарон тарифы арӕнты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 23 мар – Sputnik, Козаты Диана. Информацион агентад Sputnik-ы хъӕппӕрисӕй республикӕйы иунӕг мобилон оператор "Мегафон-Хуссар Ирыстон" ӕнӕаргъӕй рахицӕн кодта Югосетпотребнадзорӕн дыууӕ номыры "тагъд ӕххуыс" сорганизаци кӕнынӕн, загъта ӕхсӕнадимӕ бастдзинӕдты специалист Бежанты Зӕринӕ.

Хуссар Иры срӕвдз "тагъд ӕххуыс" коронавирусы профилактикӕйы фарстыты фӕдыл

Амӕйразмӕ Sputnik бадзырдта ахӕм хъӕппӕрисимӕ мобилон компанийы къухдариуӕгадмӕ. Уым дзырд радтой ӕввахс рӕстӕджы ӕркӕсын ацы фарстмӕ.

"МегаФон-Хуссар Ирыстон" уыдзӕн коронавирусы профилактикӕйы фарстыты фӕдыл ӕнӕаргъ "тагъд ӕххуысы"  техникон партнер. Компанийы фӕнды, цӕмӕй республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕ исой раст информаци квалификацигонд специалисттӕй", - банысан кодта Бежанты Зӕринӕ.

Уый ма бафтыдта, компани йӕ цӕст кӕй дары коронавирусы уавӕрмӕ ӕмӕ нывӕнды дарддӕр ӕххуыс кӕнын Хуссар Ирыстоны официалон службӕтӕн.

Ӕнӕаргъӕй "тагъд ӕххуысы" номыртӕм 8-929-810-60-96 ӕмӕ 8-929-805-88-96 фӕдзурыны фадат ис "МегаФон-Хуссар Ирыстон"-ы алкӕцы абонентӕн дӕр, кӕцытӕ сты хӕдзарон тарифы арӕнты.