Спорт хистæртæ æмæ сабитæн: Цхинвалы скуыста грэпплингы секци

Бразилиаг джиу-джитсу, уӕгъдибар хъӕбысхӕст, хӕстон самбо ӕмӕ дзюдойы техникӕты иугæнæг спортыл цайдагъ кæнынмæ ныридæгæн тырнынц куыд кæстæр фæлтæр, афтæ 40–аздзыд нæлгоймæгтæ дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 мар – Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы йæ куыст срæвдз кодта Хуссар Ирæн æнахуыр спорты хуыз - грэпплингы секци. Цæттæгæнæн центр фæзыд базарадон центр "Хурзæрин"-ы спортивон залы, йæ инициатор - 2018 азы æмхæццæ æмтохæдты FCF-йы версимæ гæсгæ чемпион Дудайты Владимир.

"Секци бакæныны хъуыды фæзынд Дудайты Владимирмæ, уый йæхæдæг у дунейы чемпион. Ӕрæджы ʻрцыд Цхинвалмæ æмæ нын банхъардта ам бакæнын секци", - радзырдта Sputnik тренер Нарыкъаты Къӕдзӕх.

Спорт хистæртæ æмæ сабитæн: Цхинвалы скуыста грэпплингы секци

Секцийы нырма ис цъус адæм, фæлæ цымыдисдзинад æвдисынц бирæтæ.

"Нырма ам цæттæ кæнынц аст адæймаджы. Бирæты фæнды. Нæ бон у цæттæ кæнæм сывæллæттæ, фæсивæд æмæ хистæр кары адæмы дæр. Æрбацыд нæм 40-аздзыд нæлгоймаг дæр. Нырма афтæ, фæстæдæр секцийæн ратдзыстæм профессионалондæр здæхæн", - загъта Дудайты Владимир.

Къуыри ӕртӕ хатты фӕсивӕдимӕ кусдзысты тренертæ Дудайты Владимир, Нарыкъаты Кӕдзӕх ӕмӕ Къусраты Петр. Дудайты Владимир 2018 азы Хуссар Иры номæй архайгæйæ 71 кг уæзы райста рон æмæ æмхæццæ æмтохæдты FCF версимæ гæсгæ дунейы чемпионы ном.

"Уæд финалы æз рамбылдтон хъазахаг спортсмены, уый у мæ хорз хæлар ныр, сæрды нæм æрцæудзæн æмæ ратдзæн мастер-класстæ Цхинвалы", - бафтыдта уый.

Нарыкъаты Къӕдзӕх та ацы спортмæ 'рбацыд дзюдойæ.

"Раздæр архайдтон дзюдойæ Волгограды, дæн Уæрæсейы спорты мастермæ кандидат. Ам мын ацы спорты архайыны фадат нæ уыд æмæ рахызтæн грэпплингмæ, уым дæр тынг бирæ приемтæ ис дзюдойæ", - загъта Нарыкъаты Къӕдзӕх.

Лæппутæ нырма куысынц æнæаргъæй, фæстæдæр фæнд кæнынц бакæнын грэпплингы федераци дæр. Сæ ныхæстæм гæсгæ, спорты комитет та сын ныфс дæтты бакæнын куысты бынæттæ.

Грэпплинг у æмтохӕдты ног хуыз, кӕцыйы ӕрӕмбырд кодтой хъӕбысхӕсты техникӕты алыгъуызон хуызтӕ. Секцийы ахуыртӕ уагъд цӕуынц къуырисӕр, ӕртыццӕг ӕмӕ майрӕмбоны 19.00-ӕй 21.00 сахатмӕ.