Хуссар Иры бирӕсывӕллонджын бинонтӕ райсдзысты уӕлӕмхасӕн фиддонтӕ

Ӕрвылмӕйон уӕлӕмхасӕн фӕрӕзтӕ алкӕцы сывӕллонӕн дӕр райсдзысты бинонтӕ, кӕцыты хъомыл кӕнынц цыппар ӕмӕ фылдӕр сабийы, банысан кодта президент республикæйы адæм æмæ парламентмæ йæ ныстуаны рæстæджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik, Козаты Диана. 2020 азы бинонтӕ, кӕцыты хъомыл кӕнынц цыппар ӕмӕ фылдӕр сабийы, ӕрвылмӕй исдзысты уӕлӕмхасӕн фиддонтӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта президент Бибылты Анатолий республикæйы адæм æмæ парламентмæ йæ ныстуаны рæстæджы.

Президент загъта фиддонты бæрц, кæцытæ райсдзысты Хуссар Иры ветерантæ Уæлахизы юбилеймæ

Ацы хъӕппӕрис президент раздӕр фехъусын кодта бирӕсывӕллонджын бинонты конкурсы уӕлахиздзауты хорзӕхкӕныны рӕстӕджы. Президент банхъардта ӕрвылмӕй хицӕн кӕнын ӕхцатӕ бинонты алкӕцы сывӕллонӕн дӕр, цы ран хъомыл кӕнынц цыппар ӕмӕ фылдӕр сабийы.

"2020 азӕй бинонтӕ, цы ран ис цыппар ӕмӕ фылдӕр сабийы, ӕрвылмӕй исдзысты фӕйнӕ иу мин сомы алкӕцы сывӕллонӕн дӕр, цалынмӕ уыдон скъола фӕуой, уӕдмӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Фарон Хуссар Ирыстоны президент бафыста барамынд сывӕллоны райгуырдӕн иухаттон фиддоны бӕрц фӕфылдӕр кӕныны фӕдыл 10 мин сомӕй 16,7 мин сомы онг.

Афтӕ ма, сывӕллӕттӕ, кӕцытӕ райгуырдысты 2019 азы январӕй фӕстӕмӕ, ӕрвылмӕй исдзысты фӕйнӕ дыууӕ мин сомы, цалынмӕ сабийыл иу аз ӕмӕ ӕрдӕг сӕххӕст уа, уӕдмӕ.

Хуссар Иры бирӕсывӕллонджын бинонтӕ райсдзысты уӕлӕмхасӕн фиддонтӕ