Цхинвалы схорзӕхджын кодтой дзюдоисткӕ ӕмӕ йӕ тренерты бронзӕйы тыххӕй Уӕрӕсейы фыццагады

17-аздзыд спортсменкӕ Хуссар Ирыстонӕй архайдта 23 азы кары категорийы, фӕлӕ уӕддӕр равдыста бӕрзонд фӕстиуӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 мар - Sputnik. Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕрдар Зассеты Сергей схорзӕхджын кодта дзюдоисткӕ Ӕлборты Аланӕйы ӕмӕ йӕ тренерты Гӕбӕраты Автандил ӕмӕ Тъуриты Тенгизы кады грамотӕтӕй спортивон сгуыхтдзинӕдты тыххӕй, хъусын кӕны комитеты пресс-службӕ.

Цхинвалы схорзӕхджын кодтой дзюдоисткӕ ӕмӕ йӕ тренерты бронзӕйы тыххӕй Уӕрӕсейы фыццагады

Ӕлборты Аланӕ ссис Уӕрӕсейы фыццагады бронзӕйон призер дзюдойӕ 23 азы кары спортсменкӕты хсӕн. Гӕбӕраты Автандилы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццагады организатортӕ мӕт кодтой спортсменкӕйы ӕнӕниздзинадыл, уымӕн ӕмӕ чызгыл цӕуы ӕрмӕстдӕр 17 азы. Фыццагады хатдзӕгтӕм гӕсгӕ Ӕлборты Аланӕйы бахастой Уӕрӕсейы командӕйы скондмӕ дӕр.

"Зассеты Сергей раарфӕ кодта уыдонӕн ӕнтыстджын ралӕуды фӕдыл ӕмӕ банысан кодта, Аланӕйӕн кӕй ис фадӕттӕ, цӕмӕй уа зындгонд дзюдоисткӕ ӕппӕт дунейы. Афтӕ ма Зассеты Сергей бахахх кодта, алкӕцы спортсмен дӕр хъуамӕ ӕвдиса ӕрмӕст бӕрзонд спортивон фӕстиуджытӕ нӕ, фӕлӕ ма ирон хъомылад дӕр", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Ӕлборты Аланӕ ахуыр кӕны 11 къласы Цхинвалы фыццӕгӕм скъолайы. Уый райдыдта архайын Тъуриты Тенгизы къухдариуӕгады бын ӕмӕ ссис Хуссар Ирыстоны иууыл ӕнтыстджындӕр спортсменкӕтӕй сӕ иу. Уый размӕ спортсменкӕ ссис Европӕйы Кубокы хицау ӕмӕ бацахста фыццаг бынат Цӕгат Кавказы федералон зылды фыццагады.