Кæнынц уӕздан куыст: президент Хуссар Иры культурӕйы архайджыты тыххӕй

Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта культурӕйы кусджытӕн, кӕцытӕ 25 марты нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 мар - Sputnik. Культурӕйы архайджытӕ ӕххӕст кӕнынц егъау куыст, кӕцы здӕхт у национ хӕзнаты бавӕрынмӕ. Культурӕйы кусджыты бӕрзонд ӕмӕ уӕздан мисси ӕххуыс кӕны хъахъхъӕнын национ монон хӕзнатӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы культурӕйы фадыджы архайджытӕн, кӕцытӕ абон нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгады архайды приоритетон здӕхттӕй иу у бавӕрын ӕмӕ райтынг кӕнын нацийы хъӕздыг культурон-историкон бынтӕ", - дзырдӕуы арфӕйы тексты.

Бибылты Анатолий бахахх кодта, ахсджиаг кӕй у хъусдард здахын фӕсивӕды хъомыладмӕ, сфӕлдыстадон професситы минӕвӕрттӕн ӕххуысмӕ, афтӕ ма аразын уавӕртӕ ирӕтты ӕнусон традициты популяризацийӕн.

Республикӕйы сӕргълӕууӕг загъта бузныг культурӕйы архайджытӕн сӕ куысты тыххӕй ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта ӕнӕниздзинад ӕмӕ дарддӕры ӕнтыстытӕ.