Карантин кусы: Хуссар Иры фӕкъаддӕр КРВИ ӕмӕ гриппӕй рынчынты нымӕц

Марты ӕмбисмӕ фӕкъаддӕр ис сезонон гриппӕй ӕрмӕст иумӕйаг рынчынты нымӕц нӕ, фӕлӕ ма скъолайы кары рынчынты нымӕц дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри фӕкъаддӕр ис КРВИ ӕмӕ гриппӕй рынчынты нымӕц, хъусын кӕны Югосетпотребнадзоры пресс-службӕ.

Хуссар Иры карантин адарддӕр кодтой ноджы дыууӕ къуыримӕ

Республикӕйы рынчынкӕнынад фӕфылдӕр ис марты райдайӕнты, уый фӕдыл 18 марты аскъуыддзаг кодтой сӕхгӕнын ахуырадон уагдӕттӕ карантиныл. Мадзал ма баст уыд Хуссар Ирыстонмӕ коронавирусы ӕрбаласт ӕмӕ апарахат ма ‘руадзынимӕ.

Ивгъуыд къуыримӕ абаргӕйӕ, КРВИ ӕмӕ гриппӕй рынчынты нымӕц фӕкъаддӕр 60 адӕймаджы. Ӕрцыд ивындзинӕдтӕ рынчынкӕнынады кары структурӕйы дӕр. Республикӕйы 9-ӕй 15-ӕм мартмӕ фӕрынчын 364 сывӕллоны, уыдоны фылдӕр хай (39 проценты) – скъолайы кары, ивгъуыд къуыри та фӕрынчынуӕвӕг сывӕллӕтты нымӕц уыд 315 адӕймаджы, кӕцыты 39 проценты сты дыууӕ азы кары онг.

"Рынчынкӕнынады структурӕйы ивындзинӕдтӕ баст сты арӕнӕвӕрдон мадзӕлттимӕ республикӕйы ахуырадон уагдӕтты, афтӕ ма уӕлӕмхасӕн ахуырады организациты", - банысан кодтой уагдоны.

Знон республикӕйы ахуырадон уагдӕтты карантин адарддӕр кодтой 15 апрелы онг. Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.