Æрвылаз дæр 27 марты нысан цæуы Театры æппæтдунеон бон. Ацы бæрæгбон снысан кодтой 1961 азы æхсæнадæмон театры институты IX конгрессы. Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры режиссер æмæ актрисæ Хъæцмæзты Фатимæ йæ интревьюйы загъта, театрæн йæ царды кæй ис ахсджиаг нысаниуæг.
"Театрæн стыр нысаниуæг ис мæ царды, суанг мæ бинонты разæй дæр", - загъта Фатимæ.
Хъæцмæзты Фатимæ куыста театры актрисæйæ, фæлæ театр зынвадаты куы уыд, уæд уый 2009 азы ацыд ахуыр кæнынмæ Уæрæсемæ, цæмæй райса режиссеры дæсныйад.
Режиссер ма бафиппайдта, зæгъгæ, театралон жанртæй иууыл зындæр хъазæн у комедийы, фæлæ театралон критиктæ та фылдæр аргъ кæнынц трагедийы спектакльтæн.
Зындгонд у æмæ дзырд "театр" кæй у рагон грекаг термин æмæ нысан кæны бынат, цы ранмæ æбацæуынц бакæсынмæ. Театралон дунейы иууыл популярондæр сты дыууæ жанры – комеди æмæ трагеди, уый символ сты театралон маскæтæ.