Иу фыдракӕнд ӕмӕ дыууӕ аварийы: Хуссар Иры МХМ ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты радзырдтой республикӕйы криминогенон уавӕры тыххӕй 23-30 марты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 31 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ӕрцыд дыууӕ фӕндагон-транспортон цауы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфта иу адӕймаг. Уый тыххӕй хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

МХМ дыууӕ кусӕджы ссӕрибар кодтой сӕ бынӕттӕй нозтджынӕй авари саразыны тыххӕй

Афтӕ ма, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 208 фӕткхалды. Фараст шофыры фӕдыл, кӕцытӕ скъӕрдтой хӕдтулгӕ нозтджынӕй, сарӕзтой административон протоколтӕ.

Уымӕй дарддӕр, республикӕйы территорийыл ӕрцыд иу фыдракӕнд, кӕцы сбӕрӕг кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ. Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй бӕрнмӕ ӕрбаздӕхтой фондз адӕймаджы.