ЦХИНВАЛ, 1 апр – Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы колонийы ахӕстытӕн тобӕ сӕвӕрдтой сӕ хиуӕттимӕ фембӕлдтыл, уагдоны бакодтой карантин, фехъусын кодтой Sputnik Юстицийы министрады пресс-службӕйы.
Хуссар Ирыстоны марты кӕрӕтты бакодтой уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ: ахуырадон уагдӕттӕй дарддӕр сӕхгӕдтой ӕхсӕнадон бынӕттӕ, кусынц ӕрмӕстдӕр хӕлцадон дуканитӕ ӕмӕ афтектӕ.
"Ӕфхӕрдтӕ ӕххӕстгӕнӕн хайады бакодтой карантин, вирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн тобӕ сӕвӕрдтой фембӕлдтыл колони ӕмӕ рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы", - банысан кодтой Юстицийы министрады.
Ӕфхӕрдтӕ ӕххӕстгӕнӕн хайады хистӕры хӕдивӕг Хуыбиаты Джемалы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уагдоны фӕтыхджындӕр кодтой куыст, кусджытӕ райстой уӕлӕмхасӕн инструкцитӕ.
Юстицийы министрады бахахх кодтой, арӕнӕвӕрдтӕ кӕй бакодтой рӕстӕгмӕ ӕмӕ сӕ нысан у бахъахъхъӕнын ахӕстты коронавирусӕй.
Профилактикон мадзӕлтты хсӕн сты – бӕстыхӕйтты ӕнӕмӕнг дезинфекци, афтӕ ма ӕрвылбон бардзысты ахӕстты ӕмӕ колонийы кусджыты температурӕ.
Уымӕй дарддӕр, уагдоны банысан кодтой, уавӕр кӕй у стабилон, ис сӕм вирусы ныхмӕ препараттӕ, антисептиктӕ, маскӕтӕ.
Афтӕ ма, ӕфхӕрдтӕ ӕххӕстгӕнӕн хайады ауагътой оперативон рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы ӕрдзырдтой карантинон мадзӕлттыл, ӕнӕштатон уавӕрты рагфӕдзӕхстыл ӕмӕ мидӕггагон фӕткттӕ фехалыны профилактикӕйыл.
"Хъӕуы бахахх кӕнын, пенитенциарон уагдоны карантины режимы кӕй вӕййы мадзӕллты комплекс. Афтӕ ма ӕрвылбон уадзынц инструктаж хъахъхъӕныны кусджытӕн", - бафтыдтой Юстицийы министрады.
Рӕстмӕгӕнӕн колонийы ныридӕгӕн ис 50 ахӕсты.
Ивгъуыд майрӕмбоны республикӕйы хицауад бакодта уӕлӕмхасӕн карантинон мадзӕлттӕ республикӕмӕ коронавирус COVID-19 ма ‘руадзыны фӕдыл. Арӕнӕвӕрдтӕ уыдзысты 13 апрелы онг.
Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны тобæ сæвæрдтой фæсарæйнаг æмбæстæгтæн республикæйы территоримæ æрбахизыныл, арæнæвæрд нæ хауы æрмæстдæр уæрæсейæгтæм, афтӕ ма сӕхгӕдтой уадзӕн пункттӕ Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕныл. Уымӕй дарддӕр тобӕ сӕвӕрдтой культурон ӕмӕ спортивон мадзӕлттӕ ауадзыныл.