Дзауы районы цæрджытæн байуæрстой ног фатертæ

Ног хæдзæртты хицæуттæ баисты бирæсывæллонджын бинонтæ, æххуысхъуаг адæм æмæ сахъаттæ, стæй ма идæдз сылгоймæгтæ сæ зæнæгимæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 апр – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы байуæрстой ног фатертæ. 18 бинонтæн районы администрацийы хистæр Джиоты Андрей радта сæ ног цæрæнуæтты дæгъæлтæ, хъусын кæны районы пресс-службæ.

"Байуæрстой 18 фатеры. Ног хæдзæртты хицау баисты бирæсывæллонджын бинонтæ, æххуысхъуаг адæм æмæ сахъаттæ, стæй ма идæдз сылгоймæгтæ сæ зæнæгимæ", - загъта пресс-службæйы кусæг.
Дзауы районы цæрджытæн байуæрстой ног фатертæ

 

Хуссар Иры Дзауы районы æртæуæладзыгон хæдзары арæзтад балхынц ис ивгъуыд азы кæрон. Сæрмагонд къамис куыста фатертæ байуарыныл.

Дзауы районы цæрджытæн байуæрстой ног фатертæ

Хæдзæртты райсыны фæдыл администрацийы уыд 400 куырдиаты бæрц, се хсæн 1991 азæй фæстæмæ цы гæххæттытæ 'рбацыд, уыдон.

"Дзауы районы ныр 30 азы дæргъы арæзтад нæ цыд. Ацы æртæуæладзыгон хæдзар у фыццаг. Ныфс нæ ис, дарддæр хъуыддаг хуыздæр кæй цæудзæн", - хъусын кæны пресс-службæ районы хистæр Джиоты Андрейы ныхæстæ.

Дзауы районы ма ахæм бирæуæладзыгон хæдзæрттæ самайдзысты ноджы дыууæ.

Бæстыхай самадтой Инвестицион нывæзты фæлгæтты, æнгæс арæзтадон куыстытæ æххæст æрцыдысты Знауыры районы дæр.