Цӕгат Иры фӕфылдӕр коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц

Ныртӕккӕ республикӕйы ис хисӕрмагонд изоляцийы режим, кӕцыйы рӕстӕджы нӕй гӕнӕн хӕдзӕрттӕй хизын ӕнӕ ӕнӕмӕнгхъӕуындзинадӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 апр - Sputnik. Цӕгат Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ноджы дыууӕ фӕрынчынуӕвӕджы, афтӕмӕй сӕ иумӕйаг нымӕц схызт цыппармӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны 15-ӕм Регион республикӕйы Роспотребнадзорыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

Медицинон хъусдарды бын сты республикӕйы 548 цӕрӕджы.

Цӕгат Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фыццаг фӕрынчынуӕвджыты

Амӕйразмӕ республикӕйы сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав бафыста барамынд хисӕрмагонд изоляцийы режим бакӕныны фӕдыл, кӕцыйы рӕстӕджы нӕй гӕнӕн хӕдзӕрттӕй хизын ӕнӕ ӕнӕмӕнгхъӕуындзинадӕй.

"Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ сӕ хъус дардзысты ацы режим ӕххӕст кӕнынмӕ", - бахахх кодта Битарты Вячеслав.

Дыккӕгӕм апрелы райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 3548 (уыдонӕй 2457 Мӕскуыйы). Фӕстаг суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 771 фӕрынчынуӕвӕджы. COVID-19-ӕй фӕмард сты 30 адӕймаджы.

Медицинон хъусдарды бын сты 200 мин адӕймагӕй фылдӕр, ауагътой коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл 500 мин тесты.

Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 937 мин адӕймаджы 180 бӕстӕйы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 48 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.