Уӕрӕсейаг инфекционист радзырдта, кӕд фӕуыдзӕн COVID-19 эпидеми бӕстӕйы

Специалист банысан кодта, Уӕрӕсейы рынчынкӕнынады иууыл бӕрзонддӕр ӕмвӕзад уыдзӕн иннӕ къуыри, 8-10 апрелы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 апр - Sputnik. COVID-19-ы эпидеми Уӕрӕсейы хъуамӕ балхынцъ уа сӕрдмӕ, иууыл бӕрзонддӕр ӕмвӕзад та уыдзӕн иннӕ къуыри. Уый тыххӕй Фыццаг каналыл программӕ "Док-ток"-ы эфиры фехъусын кодта Федералон медико-биологон агентады сӕйраг инфекционист Владимир Никофоров.

"Бӕрӕг у, эпидеми сӕрдмӕ кӕй фӕуыдзӕн", - бахахх кодта уый.

Владимир Никофоров бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕнгӕс респираторон инфекцитӕн вӕййы ахӕм рӕзт, уый фӕстӕ дӕлӕмӕ хауын райдайынц, уыцы процесс адаргъ вӕййы 10-12 къуырийы.

Цӕгат Иры фӕфылдӕр коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц

Дыккӕгӕм апрелы райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 3548 (уыдонӕй 2457 Мӕскуыйы). Фӕстаг суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 771 фӕрынчынуӕвӕджы. COVID-19-ӕй фӕмард сты 30 адӕймаджы.
Медицинон хъусдарды бын сты 200 мин адӕймагӕй фылдӕр, ауагътой коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл 500 мин тесты.

Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 937 мин адӕймаджы 180 бӕстӕйы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 48 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.