Куыд ирвӕзын кӕнынц цхинвайлӕгтӕ цӕрӕгойты

Волонтертӕ Цхинвалӕй ӕххуыс кӕнынц фервӕзын кӕнын дзӕгъӕл куыйты столицӕйы. Уыдонмӕ фӕдзурынц горӕты алы кӕрӕттӕй ӕмӕ сын фехъусын кӕнынц цӕрӕгойты тыххӕй информаци
Sputnik

Волонтертӕ арӕхдӕр кусынц куыйтимӕ. Уыдон сын бахӕрын кӕнынц, схос кӕнынц ӕмӕ сын ссарынц хицӕутты. Сӕрдмӕ волонтертӕ нывӕндынц байгом кӕнын Сырдты ӕххуысӕн фонд, ныр та агурынц бынат вольерты арӕзтадӕн.