"Хуссар Ирмӕ не ‘рбауадздзыстӕм коронавирус Гуырдзыйӕ" – Медойты Дмитрий

Министр загъта йӕ хъуыды гуырдзиаг политикты куырдиаты тыххӕй Хуссар Ирыстоны эпидемиологон уавӕры фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 апр - Sputnik. Гуырдзыстонимӕ арӕны режимы фехӕлдты нымӕц кӕй фӕфылдӕр, уый дзуры ууыл, ӕмӕ Гуырдзыстоны ис гуманитарон катастрофӕ – адӕм "лидзынц сӕ бӕстӕйӕ, цӕмӕй фервӕзой коронавирусӕй", фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий.

Хуссар Ир рӕстӕгмӕ тобӕ сӕвӕрдта Гуырдзыстонмӕ хоскӕнынмӕ цӕуыныл

"Мах мӕт кӕнӕм Гуырдзыстоны адӕмыл коронавирусы апарахаты тыххӕй, фӕлӕ уый, фыццаджыдӕр, у гуырдзиаг хицауады проблемӕ, кӕцы нӕ хъусын кӕны бӕстӕйы эпидемийы ӕцӕг масштабтӕ", - хъусын кӕны министры ныхӕстӕ ФХМ пресс-службӕ.

Медойты Дмитрий бауынаффӕ кодта Гуырдзыстоны хицауадӕн, цӕмӕй сӕ хъус ӕрдарой сӕхи адӕммӕ, Хуссар Ирыстоны вирусимӕ уавӕр та ис республикӕйы къухдариуӕгады хъусдарды бын.

"Мах не ‘рбауадздзыстӕм коронавирус Хуссар Ирыстонмӕ Гуырдзыстоны территорийӕ", - бахахх кодта министр.

Гуырдзыстоны 21 мартӕй фӕстӕмӕ ис уӕлвӕткон уавӕр, фӕстӕдӕр хицауад бакодта карантин. Официалон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Гуырдзыстоны коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц 3 апрельмӕ у 148 адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны абоны бон не сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвджыты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 1 милуан адӕймагӕй фылдӕр 181 бӕстӕйы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 51 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.