Цӕгат Иры 2013 азы кӕцы сабитӕ райгуырдысты, уыдон райсдзысты фӕйнӕ 50 мин сомы

Регионалон ӕххуыс бинонтӕн, кӕцыты ис 2013 азы гуырд сывӕллӕттӕ, райдайдзысты исын ацы къуыри
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны райдайдзысты фидын регионалон мады капитал сывӕллӕттӕн, кӕцытӕ райгуырдысты 2013 азы, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Фыццаг сабийæн мады капитал исдзысты Хуссар Иры дæр

Фӕллойад ӕмӕ социалон райрӕзты министрады сӕргълӕууӕг Хуыбаиты Борисы ныхӕстӕм гӕсгӕ, регионалон ӕххуыс райсдзысты 2013 азы гуырд сывӕллӕттӕ ацы къуыри.

Республикон мады капиталы, кӕцыйы бӕрц у 50 мин сомы, закон райстой 2012 азы. Фӕлӕ закон ифтонг нӕ уыд бюджеты реалон ӕфтиӕгтӕй ӕмӕ йӕ уый фӕдыл ӕрурӕдтой. Регионалон мады капиталы фӕдыл закон ногӕй скусын кодта фарон республикӕйы сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, фиддонтӕ ныридӕгӕн райстой 1,5 мин бинонтӕй фылдӕр.

2020 азы мады капитал нывӕндынц рахицӕн кӕнын 1,9 мин бинонтӕн.